Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 32 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фӕйнӕ фараст Брянскы областы ӕмӕ Хъырымы Республикӕйы, фӕйнӕ дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Белгороды, Курскы, Волгограды, Астраханы ӕмӕ Самарайы областты ӕмӕ иу дрон та – Смоленскы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 92 украинӕйаг дроны