ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Беларусийы ӕхсӕн ахастытӕ ацы этапыл размӕ цӕуынц культурон, гуманитарон ӕмӕ спортивон къабазы. Уый тыххӕй Sputnik-ы пресс-конференцийы рӕстӕджы фехъусын кодта РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Джиоты Ӕхсар.
"Беларусиимӕ махӕн ис бирӕ иудзинад. Ис нын иумӕйаг историон мысынад – ирон адӕм дӕр стыр зиӕнттӕ бавзӕрстой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты азты. Ӕз цалдӕр хатты уыдтӕн Беларусийы территорийы ӕмӕ федтон, куыд хорз ахаст сын ис ацы историон мысынадмӕ", - банысан кодта Джиоты Ӕхсар.
Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, Беларуси политикон палны нырма нӕ банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, фӕлӕ уый цӕлхдур нӕ аразы ӕмархайдӕн алыгъуызон къабӕзты.