ЦХИНВАЛ, 21 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ӕртыццӕджы бафыста барамынд хицауады отставкӕйы фӕдыл, фехъусын кодта паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.
Гаглойты Алан ссӕрибар кодта Джуссойты Константины хицауады сӕрдары бынатӕй. Хуссар Ирыстоны хицауады разамонӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕндзӕн вице-премьер Тадтаты Дзамболат.
Хуссар Ирыстоны хицауадӕн бахӕс кодтой ӕххӕст кӕнын йӕ хӕстӕ, цалынмӕ ног министрты кабинет арӕзт цӕуа, уӕдмӕ.