МХМ кусджытæ ссардтой Цхинвалы цæрæджы хæдзары гæны егъау парти

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Наркотикон буарадтæм хъусдарды фæдыл фæткдаруат басгæрсты рæстæджы ссардтой Цхинвалы 35-аздзыд цæрæджы хæдзары гæны егъау парти, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрад (МХМ).
"Экспертизæ сбæлвырд кодта, ссаргæ буарад кæй уыд гæн, йæ массæ у 156 граммы бæрц. Афтæ ма милицийы кусджытæ сбæрæг кодтой, нæлгоймаг йæхæдæг кæй пайда кæны наркотиктæй", - банысан кодтой уагдоны.
Тæрхондон фæивар кодта хæдзары хицауы аст мин сомы бæрц гæнæй пайда кæныны тыххæй, афтæ ма йыл бакодтой уголовон хъуыддаг наркотиктæ æвæрыны тыххæй.