Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 45 Краснодары крайы, фараст – Орелы областы, фӕйнӕ ӕртӕ дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы ӕмӕ Хъырымы Республикӕйы, фӕйнӕ дыууӕ – Астраханы, Брянскы ӕмӕ Курскы областты, афтӕ ма авд дроны скуынӕг кодтой Сау денджызы ӕмӕ иу та – Азовы денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы ӕфсӕдтӕ егъау цӕф фӕкодтой украинӕйаг энергообъекттӕ