ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирыстоны командӕ дзюдойӕ ӕнтыстджын архайд скодта Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады 18 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн.
Ерыстӕ цыдысты Грозныйы 18-20 январы.
Ирон дзюдоисттӕ рамбылдтой 25 майданы ӕмӕ бацахстой фыццаг бынат командон хыгъды.
Сыгъзӕрин майдантӕ рамбылдтой: Ника Гутнова, Самира Накусова, Тыблыт Диана, Къусраты Валерия, Тегаты Дана, Бызыкты Давид ӕмӕ Туаты Алан. Ӕвзист майдантӕ та Ирыстоны командӕйӕн ӕрхастой: Дзеботы Амина, Джуссойты Алана, Хӕмӕткоты Амина, Изабелла Токарева, Санахъоты Анна, Музаты Мелания, Цхуырбаты Ариадна, Битеты Аслан ӕмӕ Тъехты Артур. Бронзӕйон майдантӕ та райстой: Дзабиты Элина, Мерденты Адриана, Багаты Арнелла, Чараты Анна, Мӕхъоты Влада, Уалыты Элина, Хуыбылты Амина, Агнаты Сергей ӕмӕ Дриаты Сослан.
Ерысты хайад райстой 500 дзюдоистӕй фылдӕр Уӕрӕсейы регионтӕй.