Ирон хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ ЦКФЗ ерысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 янв – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсментӕ Гергиты Тимур ӕмӕ Уырысты Баграт рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй 18 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн Грозныйы.
Гергиты Тимур архайдта 60 килограммы уӕзы категорийы. Ерысты финалы ирон богал рамбылдта Цӕцӕны минӕвар Ахмед Висимбаевы 6:3 хыгъдӕй.
Уырысты Баграт та архайдта 65 килограммы уӕзы категорийы. Сыгъзӕрин майданыл тохы Баграт рамбылдта дагестайнаг Ахмад Магомедовы 9:4 хыгъдӕй.