ЦХИНВАЛ, 22 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 8 Волгограды областы, авд – Хъырымы Республикӕйы, фондз дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы, цыппар – Брянскы областы ӕмӕ фӕйнӕ ӕртӕ та – Белгороды областы ӕмӕ Краснодары крайы" - дзырдӕуы хъусинаджы.