ЦХИНВАЛ, 23 янв — Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Анкориджы фембӕлды рӕстӕджы цы территориалон фарстыл цыд дзырд, уый куы нӕ аскъуыддзаг уа, уӕд Украинӕйы конфликт нӕ ӕрнывыл уыдзӕн. Уый тыххӕй радзырдта Кремлы минӕвар Юрий Ушаков.
Владимир Путин ӕмӕ Америкӕйы иугонд штатты президенты сӕрмагонд минӕвар Стивен Уиткоффы фембӕлд ацыд знон Мӕскуыйы. Мӕскуы ӕмӕ Вашингтон баныхас кодтой, майрӕмбоны Абу-Дабийы кӕй ацӕудзӕн УФ, АИШ ӕмӕ Украинӕйы минӕвӕртты хайадистӕй ӕдасдзинады фарстыты фӕдыл кусӕгон къорды фыццаг рабадт.
Ушаковы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фарсытӕ ма ӕрдзырдтой уӕрӕсейаг-америкӕйаг ахастыты райрӕзтыл.