Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри милици регистраци скодта ӕртӕ фыдракӕнды, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы фӕндӕгтыл не ‘рцыд фӕндагон-транспортон цаутӕ", - фехъусын кодтой уагдоны.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 233 фӕткхалды, иу шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.