ЦХИНВАЛ, 26 янв — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны националон проектты реализацийӕн 2025 азы рахицӕн кодтой 9,7 миллиард сомы. Уый тыххӕй йӕ Telegram-каналы фехъусын кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг Сергей Меняйло.
Регионы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕппӕт объекттӕ сарӕзтой нысангонд ӕмгъуыдмӕ.
Сергей Меняйло ранымадта куысты сӕйраг хатдзӕгтӕ:
Ахуырад: скъолаты арӕзтад ӕмӕ капиталон цалцӕг.
Медицинӕ: поликлиникӕтӕ ӕмӕ рынчындӕтты цалцӕг, афтӕ ма ӕлхӕд ӕрцыд бӕрзонд технологион ифтонггарз.
Инфраструктурӕ: фӕндагон системӕйы райрӕзт ӕмӕ ЦКХ системӕйы модернизаци.
Социалон къабаз: профилон объектты райрӕзт ӕмӕ хӕрзарӕзтад.
Сергей Меняйло бафтыдта, зӕгъгӕ, алы здӕхты дӕр куыст адарддӕр кӕндзысты 2026 азы.