ЦХИНВАЛ, 26 янв – Sputnik. Хуссар Ирыстоны арӕзтады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Цоциты Зауыр хицауады уӕрӕх рабадтыл хатдзӕгтӕ скодта Инвестпрограммӕйы реализацийӕн.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, программӕйы финанскӕнынады иумӕйаг лимит уыд 814 милуан сомы бӕрц. Цоциты Зауыр банысан кодта, финансон фӕрӕзтӕн сӕ 90 процентӕй кӕй спайда кодтой.
"Программӕйы фӕлгӕтты 2025 азы куыстытӕ цыдысты 15 объектыл, сӕ нымӕцы горӕты фараст уынджы, электроэнергийы коммерцион хыгъды ифтонггарз ӕвӕрыны фӕдыл куыстытӕ ӕмӕ фондз объекты 2024 азы Инвестпрограммӕйӕ", - загъта министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.
Цоциты Зауыр бахахх кодта, зӕгъгӕ, логистикон арӕнӕвӕрдты тыххӕй кӕцыдӕр фадгуытыл куыстытӕ ӕххӕст бӕрцӕй нӕ фесты.
"Боныгъӕд куыддӕр фадат радта, афтӕ куыстытӕ сног кӕндзыстӕм", - загъта министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.
Сӕйраг Инвестпрограммӕйӕ дарддӕр арӕзтады министрад УКС ӕмӕ бынӕттон администрацитимӕ среализаци скодта 71 мадзалы республикӕйы районты. Куыстыты иумӕйаг суммӕ уыд 131 милуан сомы.