Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 40 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 40 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 40 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 34 Краснодары крайы, цыппар – Азовы денджызы акваторийы ӕмӕ фӕйнӕ иу дроны та Брянскы ӕмӕ Калугайы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 12 украинӕйаг дроны