Джиоты Дмитрий рамбылдта ӕппӕтуӕпрӕсейаг турниры греко-римаг хъӕбысхӕстӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 янв – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон богал Джиоты Дмитрий рамбылдта ӕппӕтуӕрӕсейаг турнир "Иудзинад"-ы греко-римаг хъӕбысхӕстӕй Уфайы.
Джиоты Дмитрий рамбылдта сыгъзӕрин майдан 82 килограммы уӕзы категорийы.
Ерысты финалы Дмитрий карз тохы рамбылдта Ростовы областы минӕвар Ираклий Каландийы 3:1 хыгъдӕй.
Ацы уӕлахизы руаджы ирон хъӕбысӕйхӕцӕг уыдзӕн претендент Уӕрӕсейы командӕйы скондмӕ Европӕйы чемпионатмӕ.
Уый размӕ ацы турниры ӕвзист майдан рамбылдта Ирыстоны ноджы иу минӕвар Остъаты Алан.