ЦХИНВАЛ, 27 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 19 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 19 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фараст Курскы областы, фондз – Краснодары крайы, ӕртӕ дроны ӕрыппӕрстой Азовы денджызы акваторийы ӕмӕ фӕйнӕ иу та - Орелы ӕмӕ Белгороды областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.