ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад аскъуыддзаг кодта материалон æххуыс бакæнын Цхинвалы районы Присы хъæуы цæрæгæн, кæцыйы хæдзар бахъыгдард æрдзон бæллæхы фæстиуæгæн.
Æмбæлон скъуыддзаг райстæуыд хицауады рабадтыл æртыццæджы.
Рабадтыл куыд банысан кодтой, афтæмæй хæдзар бахъыгдард æрæджы цы дыхдымгæ уыд, уый фæстиуæгæн. Хицауад йæ фæсауæрцон фондæй рахицæн кодта 100 мин сомы.
Хуссар Ирыстоны хицауад æдзух финансон æххуыс кæны æрдзон бæллæхтæй зианбаййафджытæн.