Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитет адарддӕр кӕндзӕн гуманитарон мисси Хуссар Иры 2026

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад ӕртыццӕджы адарддӕр кодта Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитеты мандат республикӕйы. Райсгӕ скъуыддзагмӕ гӕсгӕ организаци адарддӕр кӕндзӕн йӕ архайд 2026 азы ӕхсӕз мӕйы дӕргъы.
Хицауады ӕркастмӕ фарст рахаста фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Джиоты Ӕхсар. Хицауады уӕнгтӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты Сырх Дзуары мисси адарддӕр кӕныныл.
Сырх Дзуары Ӕхсӕнадӕмон комитет ӕххӕст кӕны йӕ куыст Хуссар Ирыстоны 2008 азӕй фӕстӕмӕ.