ЦХИНВАЛ, 28 янв - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 75 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 24 Краснодары крайы, 23 – Хъырымы Республикӕйы, ӕхсӕз дроны ӕрыппӕрстой Сау денджызы акваторийы, фондз – Белгороды областы, цыппар – Астраханы областы, фӕйнӕ ӕртӕ дроны скуынӕг кодтой Курскы областы ӕмӕ Азовы денджызы акваторийы ӕмӕ фӕйнӕ дыууӕ та – Воронежы ӕмӕ Брянскы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.