Ӕртӕ ироны рамбылдтой Уӕрӕсейы фыццагады бронзӕ дзюдойӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ ирон дзюдоисты рамбылдтой бронзӕ майдантӕ Уӕрӕсейы фыццагады 21 азы кары онг спортсменты ӕхсӕн Екатеринбургы.
Габеты Полина бацахста ӕртыккаг бынат 44 килограммы уӕзы категорийы. Бронзӕ майданыл тохы ирон спортсменкӕ рамбылдта Мӕскуыйы минӕвар Янкелина Дукаревичы.
Зозырты Давид схуызт кады пьедесталы ӕртыккаг къӕпхӕнмӕ 100 килограммы уӕзы категорийы. Чысыл финалы ирон богал рамбылдта Егор Капитоновы.
Золоты Сӕрмӕт та рамбылдта бронзӕ майдан 100 килограммӕй фылдӕр уӕзы категорийы. Ӕртыккаг бынатыл тохы ирон спортсмен фӕуӕлахиз цӕцӕйнаг Бабахан Насруллаевыл.