Гаглойты Алан раарфæ кодта Югосреестры кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы службæйы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.
Паддзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы службæйы кусæджы бон сфидар кодтой паддзахады сæргълæууæджы барамындæй 2023 азы æмæ йæ æрвылаз нысан кæнынц 29 январы.
"Уæ цæсгомджын куыстимæ баст у æмбæстæгты мулкъы барты хъахъхъæнынад, зæххы ресурстæй эффективон пайдакæнынад æмæ фидар барадон базæйы арæзтад, кæцы æнæмæнгхъæугæ у Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн", - бахахх кодта Гаглойты Алан.
Президент зæрдыл æрбалæууын кодта, Югосреестры кусджытæ æрвылбон кæй скъуыддзаг кæнынц бæрнон хæстæ сæ бæрзонд квалификацийы руаджы.