ЦХИНВАЛ, 29 янв – Sputnik. Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон Козаты Дмитрийӕн.
Хӕстонӕн фӕстаг хӕрзбон зӕгъынмӕ ӕрбацыдысты йӕ хиуӕттӕ, ӕмгӕрттӕ ӕмӕ ӕмслужбӕгӕнджытӕ, афтӕ ма республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Козаты Дмитрий фӕмард хӕстон хӕс ӕххӕст кӕныны рӕстӕджы Донецкы здӕхты. Дмитрий уыд ӕбӕрӕгӕй фесӕфт ивгъуыд азы сӕрдӕй фӕстӕмӕ.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй Козаты Дмитрийы мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.