ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Цӕгат"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Белая Береза Сумыйы областы, хъусын кӕны УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
Уымӕй дарддӕр уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ егъау ӕхст фӕкодтой Украинӕйы ӕфсӕддон-сӕудӕджерадон комплексы куыстуӕттӕ, радиолокацион станцтӕ, хӕстӕрмӕджыты ӕфтауцтӕ ӕмӕ УГТ ӕфсӕддонты рӕстӕгмӕ дислокацийы пункттӕ 153 районы. Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ та ӕрыппӕрстой 111 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.