Уæрæсейы аивдзысты "бакалавр" æмæ "магистр" форматтæ 2026 азы сентябрæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты форматтæ "бакалавр" æмæ "магистр" аивдзысты 2026 азы сентбярæй, хъусын кæны РИА Новости.
"Бакалавр – магистр" формулæйы бæсты бакодтам: базон уæлдæр ахуырад цыппарæй æхсæз азы онг æмгъуыдмæ, афтæ ма сæрмагонд уæлдæр ахуырад иуæй æртæ азы онг æмгъуыдмæ – уый у магистратурæйы ранæуæггонд формат", - загъта Паддзахадон Думæйы зонад æмæ уæлдæр ахуырады фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Ксения Горячева.
Депутат бахахх кодта, цыфæнды базон программæйы рауагъдонæн дæр фадат уыдзæн хйад исын бюджетмæ конкурсы, аспирантурæ та рахицæн кæндзысты профессионалон ахуырады хицæн æмвæзадмæ. Ксения Горячевайы ныхæстæм гæсгæ, ахуырады ног системæ иууыл ахсджиагдæр у инженерон æмæ зонадон здæхтытæн: ахæм професситы хъæуы фылдæр цæттæкæнынад æмæ уымæн та формалон цыппар азы фаг нæу.
Депутат бафтыдта, зæгъгæ, ног системæ нæ хауы зæронд прогаммæтæм чи ахуыр кæны, уыцы студенттæм.