ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Тадаты Дзамболат ауагъта уынаффæйы æмбырд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр ахæм æмбырдтæ кæй цæудзысты æрвыл къуыри.
Тадтаты Дзамболат бахахх кодта, иудадзыг фембæлдтæ хъæуынц, цæмæй дырысæй сбæрæг кæной алкæцы уагдоны раз лæууæг хæстæ. Уынаффæйы æмбырдты рæстæджы ма анализ кæндзысты хицауады уагдæтты куысты хатдзæгтæ æмæ проблемæтæн.
"Цæрджытæн хъæуы фылдæр информаци хæццæ кæнын хицауады куысты фæдыл, цæмæй хуыздæр æмбарой, цы куыст цæуы, уый", - банысан кодта премьер-министры хæстæ æххæстгæнæг.
Тадтаты Дзамболат бахæс кодта экономикон райрæзты министрадæн бацæттæ кæнын лæмбынæг информаци ныры инвестицион проектты реализацийы фæдыл.
Хицауады сæрдары хæстæ æххæстгæнæг бафтыдта, зæгъгæ, финансты министрад æрвыл квартал цæттæ кæнын хыгъдлæвæрд бюджет æххæст кæныны фæдыл, фæлæ ныр уый дæр арæзт цæудзæн лæмбынæгдæр, цæмæй йæ хуыздæр æмбарой.