Транскамы сног кодтой фӕндагон змӕлд уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистралы сног кодтой фӕндагон змӕлд уӕзласӕн хӕдтулгӕтӕн къуырисӕры райсомӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрад (УУМ).
Уӕзласӕн хӕдтулгӕты змӕлдыл тобӕ сӕвӕрдтой 1 февралы ӕмбисӕхсӕвӕй ӕвзӕр боныгъӕд ӕмӕ ӕдас ацӕуӕн сӕххӕст кӕнынын фадат кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, сихорӕй фӕстӕмӕ Ручъы тоннелы дыууӕ фарс дӕр уыдзӕн тыхджын митуард.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.