Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Придорожное Запорожаг областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев — Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕдты къорд "Скӕсӕн"-ы хӕстонтӕ активон размӕбырстон архӕйдтыты рӕстӕджы ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Придорожное Запорожаг областы, фехъусын кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрад.
Украинӕйы Гарзджын тыхтӕ ацы здӕхты иу суткӕмӕ фесӕфтой 320 ӕфсӕддоны, 12 хӕдтулгӕйы, залпон ӕхсты реактивон системӕ "Град" ӕмӕ артиллерион хӕцӕнгарз. Афтӕ ма скуынӕг кодтой хӕстӕрмӕджыты ӕфтауц.