Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 31 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 22 Белгороды областы, цыппар – краснодары крайы, дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Астраханы, Брянскы ӕмӕ Курскы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 18 украинӕйаг дроны