Ӕртӕ ирон хъӕбысӕйхӕцӕджы хайад райсдзысты рейтингон турнир Zagreb Open-ы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ӕртӕ ирон спортсмены хайад райсдзысты ӕхсӕнадӕмон рейтингон турнир Zagreb Open-ы. Ерыстӕ цӕудзысты Хорватийы 4-8 февралы.
Уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Тъускаты Азӕмӕт, кӕцы архайы Сербийы командӕйы сконды, стох кӕндзӕн майдантыл 57 кг уӕзы категорийы. Ивгъуыд азы ирон богал рамбылдта бронзӕ майдан.
Ноджы иу уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцӕг Байцаты Владислав тох кӕндзӕн турниры 125 кг уӕзы категорийы. Ерысты ирон богал архайдзӕн Венгрийы командӕйы сконды.
Тыбылты Георгий та тох кӕндзӕн 60 кг уӕзы категорийы греко-римаг хъӕбысхӕстӕй. Тыбылты Георгий, кӕцы ӕхсӕнадӕмон аренӕйы хъахъхъӕны Сербийы спортивон кад, ивгъуыд азы ацы турниры рамбылдта сыгъзӕрин майдан.