ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты Арӕнхъахъхъӕнӕн службӕйы куыстимӕ баст у республикӕйы ӕдасдзинад, фехъусын кодта президент Гаглойты Алан йӕ арфӕйы ныхасы Арӕнхъахъхъӕнӕн службӕйы сӕвзӕрды боны цытӕн.
"Уӕ цӕсгомджын куысты руаджы нӕ бӕстӕйы ис сабырад", - бахахх кодта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Президент бузныг загъта Арӕнхъахъхъӕнӕн службӕйы кусджытӕн сӕ разы лӕууӕг хӕстӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй.