Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстон Бураты Ацӕмӕзӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон Бураты Ацӕмӕзӕн.
Фыдохы митингмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй, парламенты депутаттӕ ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстон Бураты Ацӕмӕзӕн
Гаглойты Алан тӕфӕрфӕс ракодта фӕмардуӕвӕджы бинонтӕн ӕмӕ бахахх кодта, хъахъхъӕнджыты нӕмттӕ сыгъзӕрин дамгъӕтӕй фыст кӕй сты Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы историйы.
Президент фехъусын кодта, Уӕрӕсейы къухдариуӕгадимӕ дзырд кӕй цӕуы, цӕмӕй Бураты Ацӕмӕзӕн радтой Уӕрӕсейы Хъайтары ном.
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстон Бураты Ацӕмӕзӕн
Марат Кулахметов йӕхирдыгӕй бахахх кодта, зӕгъгӕ, Ацӕмӕз уыд ӕцӕг офицер ӕмӕ хъӕбатыр адӕймаг.
Бураты Ацӕмӕз президенты барамындтӕй хорзӕхджын ӕрцыд паддзахадон хорзӕхтӕй: 2025 азы декабры йын радтой "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" майдан, ныр та йӕ мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "За ратный труд во имя мира" майданӕй.
Хъайтарыл цыд 36 азы. Баззад ын чызг.
Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстон Бураты Ацӕмӕзӕн