Транскам нырма у ӕхгӕд тыхджын митуарды тыххӕй Ручъы тоннелы дыууӕ фарс

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев — Sputnik. Транскавказаг автомагистраль нырма у ӕхгӕд тыхджын митуарды тыххӕй Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны хӕхты, фехъусын кодтой дыццӕджы райсом Хуссар Ирыстоны Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ).
Трассӕ сӕхгӕдтой къуырисӕры изӕры тыхджын митуард ӕмӕ зӕйтӕ ӕрцӕуыны тӕссагдзинады тыххӕй.
"Транскавказаг автомагистраль ӕхгӕд у автотранспорты змӕлдӕн 2 февралы 17.00 сахатӕй сӕрмагонд барамынды онг тыхджын митуарды тыххӕй Ручъы тоннелы дыууӕ фарс", - банысан кодтой министрады.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.