ЦХИНВАЛ, 3 фев – Sputnik. Уӕрӕсейы Гарзджын тыхтӕ ракетӕтӕй фехстой украинӕйаг ӕфсӕддон-сӕудӕджерадон комплексы объекттӕ, фехъусын кодтой УФ Хъахъхъӕнынады министрады.
"Дысон ӕхсӕв Уӕрӕсейы Федерацийы Гарзджын тыхтӕ иттӕг дырыс ракетӕтӕй егъау ӕхст фӕкодтой Украинӕйы ӕфсӕддон-сӕудӕджерадон комплексы объекттӕ, кӕцытӕ уадзынц ракетӕтӕ, хӕстӕрмӕджытӕ ӕмӕ рӕмудзӕн ӕрмӕджытӕ", - загътой уагдоны.
Уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ та иу суткӕмӕ скуынӕг кодтой авиабомбӕ, залпон ӕхсты реактивон системӕ HIMARS-ы сармадзан ӕмӕ 99 ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты.