Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой дӕс украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 3 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой дӕс украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой дӕс украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй фӕйнӕ ӕртӕ Белгороды ӕмӕ Орелы областты, дыууӕ дроны ӕрыппӕрстой Калугайы областы ӕмӕ фӕйнӕ иу та – Курскы ӕмӕ Ростовы областты" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ ссӕрибар кодтой цӕрӕн пункт Придорожное Запорожаг областы