ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Уӕрӕсе, Америкӕйы иугонд штаттӕ ӕмӕ Украинӕйы минӕвӕртты баныхас Абу-Дабийы цӕуы ӕхгӕд режимы, хъусын кӕны РИА Новости.
"Ацы баныхас цӕуы ӕхгӕд режимы, прессӕмӕ нӕ фӕдзырдтой", - хъусын кӕны агентад.
Афтӕ ма баныхасы фӕстиуӕгӕн нӕ уыдзӕн пресс-конференци дӕр.
Уый размӕ, январы кӕрӕтты Абу-Дабийы ацыд ӕртӕварсон кусӕгон фембӕлд Украинӕйы фарсты фӕдыл.