Гаглойты Алан фембӕлд марафон "Россия – семья семей"-ы хуссарирыстойнаг хайадисджытимӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан фембӕлд марафон "Россия – семья семей"-ы хуссарирыстойнаг хайадисджытимӕ.
Проект райдайдзӕн 5 февралы Националон центр "Россия"-йы ӕмӕ уыдзӕн Уӕрӕсейы Федерацийы адӕмты иудзинады Азы символикон райдайӕн.
Ацы мадзӕлттӕ дзурынц ууыл, ӕмӕ Уӕрӕсе у стыр бинонтӕ, цы ран сӕдӕгай адӕмтӕ цӕрынц иумӕ, хъахъхъӕнӕнынц сӕ культурӕ ӕмӕ традицитӕ.
Мадзалы хайад райсдзысты 2900 адӕймаджы бӕрц Уӕрӕсейы регионтӕй.
Марафоны организатор у ӕхсӕнад "Зонынад".