ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Гассеты Ибрагим радзырдта республикӕйы президент Гаглойты Аланӕн Транскавказаг автомагистралы уавӕры тыххӕй, фехъусын кодта РХИ президенты пресс-службӕ.
"Гассеты Ибрагим ӕвӕрццаг аргъ скодта республикӕйы фӕндагон службӕты куыстӕн ӕмӕ банысан кодта сӕ оперативон архайд ӕвзӕр боныгъӕды уавӕрты", - загътой пресс-службӕйы.
Министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, УУМ ӕппӕтварсон ӕмархайд кӕны коллегӕтимӕ, афтӕ ма Цӕгат Ирыстоны уӕлвӕткон уагдонимӕ.
Президент банысан кодта, ахсджиаг кӕй у дарддӕр ӕмгуыст кӕнын уагдӕтты ӕхсӕн, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны инфраструктурӕ ӕнӕфӕцудгӕ куыст кӕна.