Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 24 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 24 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 24 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонӕй 11 Брянскы областы, аст – Белгороды областы, цыппар дроны ӕрыппӕрстой Ростовы областы ӕмӕ иу та – Астраханы областы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕдтӕ егъау ӕхст фӕкодтой украинӕйаг ӕфсӕддон объекттӕ