ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты райдыдтой цӕттӕ кӕнын тактикон ахуыртӕм. Ӕмбӕлон фӕдзӕхсттӕ йӕ кусджытӕн радта республикӕйы хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Юрий Яровицкий, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
"Ахуырты рӕстӕджы пайда кӕндзысты ӕнӕпилотон системӕтӕй уӕлдӕфон разысгӕрст ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы бронеобъекттӕ скуынӕг кӕнынӕн", - радзырдтой министрады.
Хуссар Иры Гарзджын тыхты райдыдтой цӕттӕ кӕнын тактикон ахуыртӕм
© Photo : Пресс-служба Минобороны РЮО
Ахуырты хайад исдзысты Гарзджын тыхты ӕппӕт дӕлхӕйтты командӕгӕнджытӕ, афтӕ ма сӕрмагонд нысаниуӕджы батальон, артиллерион, уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады, инженерон ӕмӕ фӕсчъылдымы дӕлхӕйтты ӕфсӕддонтӕ. Ахуырты рӕстӕджы ӕфсӕддонтӕ пайда кӕндзысты штатон хӕцӕнгарзы ӕппӕт хуызтӕй ӕмӕ хӕстон техникӕйӕ.
Юрий Яровицкий бахахх кодта, зӕгъгӕ, ӕнтыстджын ахуыртӕ уыдзысты ахсджиаг этап ӕфсады хӕстон цӕттӕдзинад сфидар кӕнынӕн.