ПӔК: Хуссар Иры иу мӕймӕ ӕрцахстой 22 арӕнхалӕджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕны алыгъуызон фадгуыты январы ӕрцахстой 22 фӕткхалӕджы, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты.
Арӕнхъахъхъӕнӕн службӕ ауагъта равзӕрсттӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр. Ацы мадзӕлтты фӕстиуӕгӕн иу адӕймаджы фӕдыл бакодтой уголовон хъуыддаг, цыппары феддӕдуар кодтой Хуссар Ирыстоны территорийӕ, 12 арӕнхалӕджы фӕивар кодтой, дыууӕйы бафӕдзӕхстой ӕмӕ ӕртӕ адӕймаджы фӕдыл та цӕуы басгӕрст.