Транскам кусы æнæ арæнæвæрдтæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Транскавказаг автомагистраль кусы штатон режимы, æнæ арæнæвæрдтæй, фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон уавæрты министрады (УУМ).
Знон Хуссар Ирыстоны уæлвæткон уавæрты министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим радзырдта республикæйы президент Гаглойты Аланæн автомагистралы уавæры тыххæй æмæ банысан кодта, кæй æххæст кæнынц мадзæлттæ фæндагон æдасдзинадæн.
"Транскавказаг автомагистраль 5 февралы райсомы бæрæггæнæнтæм гæсгæ кусы штатон режимы, æнæ арæнæвæрдтæй", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.
Транскавказы автомагистраль у иунӕг фӕндаг Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн. Трассæйы дæргъ у 164 километры.