ЦХИНВАЛ, 6 фев – Sputnik. Гӕззаты Вадимы номыл Милицийы сӕрмагонд нысаниуӕджы къорды (МСНК) къухдариуӕгад сорганизаци кодта дӕлхайады ветеранты фембӕлд къорды сӕвзӕрды боны цытӕн. Уый тыххӕй фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фембӕлды хайад райстой алыгъуызон фӕлтӕрты ветерантӕ, кӕцытӕ архайдтой къорды сконды йӕ арӕзтады сӕйраг этапты. Ветерантӕ радзырдтой МСНК хӕстон фӕндаджы тыххӕй, фыццаг хистӕртӕ ӕмӕ хӕстонты тыххӕй, кӕцытӕ егъау хайбавӕрд бахастой къорды арӕзтадмӕ.
Къорд ветеранӕн радтой уагдонон майдантӕ, уыдонӕй фондз – мӕлӕты фӕстӕ.