Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 38 украинӕйаг дроны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 5 фев - Sputnik. Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 38 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, фехъусын кодта УФ Хъахъхъӕнынады министрад.
"Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ ивгъуыд ӕхсӕв скуынӕг кодтой 38 украинӕйаг ӕнӕпилотон тӕхӕг аппараты, уыдонæй 26 Брянскы областы, 10 дроны ӕрыппӕрстой Белгороды областы, фӕйнӕ иу та – Липецкы областы ӕмӕ Сау денджызы акваторийы" - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уӕрӕсейы уӕлдӕфон хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕ скуынӕг кодтой 95 украинӕйаг дроны