ЦХИНВАЛ, 9 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕстаг хӕрзбон загътой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон Бестауты Александрӕн.
Фыдохы митингмӕ ӕрбацыдысты хӕстоны хиуӕттӕ ӕмӕ ӕмгӕрттӕ, афтӕ ма республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй ӕмӕ Уӕрӕсейы минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов.
"Бестауты Александр равдыста хъайтардзинад тохы быдыры ӕмӕ ӕнустӕм баззайдзӕн йе ‘мгӕртты хъуыдыйы куыд цӕсгомджын ӕмӕ хорз адӕймаг", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Марат Кулахметов йӕ раныхасы банысан кодта, Александр кӕй фӕмард куыд ӕцӕг хӕстон, сабырад ӕмӕ хӕдбардзинад хъахъхъӕнгӕйӕ.
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындӕй Бестауты Александры мӕлӕты фӕстӕ схорзӕхджын кодтой "Фыдыбӕстӕ Хъахъхъӕнӕгӕн" майданӕй.