ЦХИНВАЛ, 9 фев – Sputnik. Номдзыд хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг, Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпион ветеранты ӕхсӕн Зассеты Алан фембӕлд Дзауы скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтимӕ.
Зассеты Алан сабаты райста реванш Махач АБукаевӕй "Гауызы мастерӕ" турниры Махачкалайы.
Зассеты Алан йӕ призон ӕхцатӕй балхӕдта адджинӕгтӕ скъола-интернаттӕн, афтӕ ма карджын адӕм ӕмӕ инвалидты пансионат "Забота"-йӕн.
Номдзыд хъӕбысӕйхӕцӕг Зассеты Алан фембӕлд Дзауы скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтимӕ
© telegram sputnikossetia
/ Дзауы скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ бацӕттӕ кодтой спортсмены ӕрбацыдмӕ чысыл ралӕудтӕ.
Зассеты Алан загъта бузныг сывӕллӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн ахӕм хъарм райсты тыххӕй.
Спортсмен ма бабӕрӕг кӕндзӕн Цхинвалы скъола-интернат ӕмӕ Ленингоры сывӕллӕтты хӕдзар.