ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан раарфæ кодта Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн Дипломатон кусæджы боны кадæн.
Президент куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстон стыр аргъ кæны, æхсæнадæмон аренæйыл нæ республикæйы бартæ хъахъхъæныны фæдыл Уæрæсейы Федераци цы куыст кæны, уымæн. Уымæй уæлдай бафиппайдта, дипломатон архайд кæй домы стыр дæсныдзинад, арф зонындзинæдтæ, стратегион хъуыдыкæнынад æмæ удыхъæды фидардзинад, æмæ ацы бон та кæй у дипломатты куысты ахадындзинадыл дзурæг.