ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитет (ПÆК) æмæ Уæрæсейы Федералон æдадсзинады службæйы (ФÆС) Арæнхъахъхъæнæн фæткдаруат сбæрæг кодтой дыууæ сусæг æрмадзы архайд, кæцытæ арæзтой æмæ цалцæг кодтой хæцæнгарз. Уый тыххæй фехъусын кодта комитеты пресс-службæ.
Нысангонд æрцыд, оперативон-сгарæн мадзæлтты рæстæджы Цхинвалы дыууæ цæрæгмæ кæй ссардтой æнæзакъонон хæцæнгæрзтæ.
"Арсеналы ис пистолеттæ, револьвертæ, карабинтæ, дамбацатæ, цуанон хæцæнгæрзтæ, афтæ ма гранаттæ æмæ РПГ-7 сармадзантæ. Уымæй дарддæр барадхъахъхъæнджытæ ссардтой хæцæнгæрзты бирæнымæц хæйттæ æмæ авд мин нæмыгæй фылдæр", - фехъусын кодтой ПÆК-ы.