"Продэкспо-2026"-ы бавдыстой ног премиалон нуазыны дон Highland Water

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ нозты егъау ӕхсӕнадӕмон равдыст "Продэкспо-2026"-ы Хуссар Ирыстон презентаци скодта премиалон нуазыны дон Highland Water. Продукци цӕуы дыууӕ номимӕ: "Sia" ӕмӕ "Romis".
"Хуссарирыстойнаг продукцийӕн стыр аргъ кӕнынц ацы равдысты. Нӕ республикӕйы ис хорз фадӕттӕ цыфӕнды хӕлцадон продукци уадзынӕн. Хуссар Ирыстоны ис уникалон экологи, сыгъдӕг хӕххон цӕугӕдӕттӕ, цадтӕ, хӕххон уӕлдӕф ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Уый фӕдыл нӕ продукци дӕр у экологон ӕгъдауӕй сыгъдӕг", - радзырдта Хуссар Ирыстоны базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Таймураз Гогинов.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Highland Water федералон базарадон объекттӕ ӕмӕ маркетплейстӕй дарддӕр фӕзындзӕн уӕрӕсейаг курортты дӕр. Уымӕй дарддӕр ацы нуазыны дон бахӕсдзысты Уӕрӕсейы популярон ресторантӕ ӕмӕ уазӕгдӕтты менюмӕ.