ЦХИНВАЛ, 10 фев – Sputnik. Æмбисæхсæвæй нырмæ Транскам у æхгæд. Уæлвæткон уавæрты министрад куыд хъусын кæны, афтæмæй йæ митæй сыгъдæг кæнынц. Фæндагон службæтæ кусынц Ручъы тъунелы фæйнæфарс. Боныхъæд кæй февзæр æмæ æдас кæй нæу, уымæ гæсгæ фæндагыл цæуæн ницавæр транспортæн ис.
Цæгат Ирыстоны `рдыгæй фæндаджы 91 километрыл зæй раскъуыд. Хафынц æй сæрмагонд техникæйæ.