ЦХИНВАЛ, 10 фев — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Пæррæстаты Олег ссис Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) фыццагады призер панкратионæй. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты пресс-службæ.
Спортсмен архайдта 57 килограммы уæзы категорийы æмæ рамбылдта бронзæ майдан.
Тренер Гобозты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, Пæррæстаты Олег ауагъта цыппар тохы: æртæ рамбылдта æмæ иу хатт та фембылд.
Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ Пæррæстаты Олег рацыд æвзæрст Уæрæсейы чемпионатмæ.