ЦХИНВАЛ, 13 фев - Sputnik. Хуссар Ирыстоны спортсмен рамбылдта дыууӕ ӕвзист майданы ленк кӕнынӕй ерысты Ессентукийы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Турниры хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг ленкгӕнӕг Болататы Марат рамбылдта ӕвзист майдантӕ 50 метры дистанцимӕ фӕсонтыл ӕмӕ комплексон ерысӕй фӕсонтыл.
Турниры хайад райстой 2014-2015 азты гуырд спортсментӕ.